Осетины — один из многочисленных народов Северного Кавказа, населяющий территории по обе стороны Кавказского хребта — РСО-Алания в составе РФ и независимое Государство Алания, также известное как Южная Осетия. Осетины разговаривают на языке северо-восточной группы Иранских языков и являются мультиконфессиональным народом; хоть большинство и придерживаются православного христианства, значительная часть народа исповедует Ислам и традиционные верования.
Осетины являются потомками Алан — народа, населявшего равнины и предгорья Западного и Центрального Кавказа с I века д.н.э. Аланы достигли определенных успехов в государственном строительстве — Государство Алан было одним из ключевых игроков в регионе, взаимодействуя с соседними державами и крупнейшим актором Римской Империей (Византией). В результате сокрушительных военных кампаний сначала Монгольской Империи, а спустя более сотни лет державы Тамерлана, Аланское государство перестало существовать. Как и некоторые другие народы, предки Осетин были вынуждены отойти глубже в горы, в ущелья Центрального Кавказа. Два основных “пристанища” немногочисленных остатков Алан были Дигорское и Алагирское ущелья, находящиеся на территории современной РСО-Алания.
Впоследствии Осетинские “общества” расширили свою сферу расселения, заселяя ранее покинутые ими ущелья и районы как на северном, так и на южном склоне Кавказского хребта. Они взаимодействовали с крупными игроками в соответствующих регионах — Кабардинскими князьями на севере, и Грузинскими княжествами на Юге. Как горный народ, Осетины занимались скотоводством, часто спускались в набеги и, в частности, принимали активное участие в военных операциях различных Грузинских княжеств, которые испытывали острую нехватку в солдатах.
С конца 18 века Осетины сначала Северных, а потом и Южных обществ, начали взаимодействовать с Российской империей, усилившей свое присутствие в регионе. К середине XIX века, большая часть горских обществ Осетии тем или иным образом вошла в состав РИ.
С началом развала Советского Союза обе части Осетии вновь столкнулись с испытаниями. Началась война, от судьбы которой зависело существование одной из конфессии осетинского народа. Несмотря на ситуацию, близкую к катастрофической, молодое государство Южная Осетия сумело выстоять, и в результате Сочинских соглашений война была прекращена. Южная Осетия — де-факто независимое государство с 1992 года.
В 2008 году по инициативе студентов был создан Аланский клуб МГИМО, в рамках которого проводились студенческие встречи, благотворительные акции. В 2011 году клуб получил статус Землячества, которое объединяет и по сей день студентов — выходцев из Южной и Северной Осетии. Землячество существует с целью развивать и поддерживать осетинскую культуру и традиции в стенах МГИМО, объединять осетин и выходцев из Осетии и помогать студентам в различных сферах деятельности.
За время своего существования Землячество провело большое количество мероприятий с участием почетных гостей и студентов из разных вузов. К примеру, в 2012 году состоялась научно-практическая конференция «Осетинский язык в условиях глобализации», на которой присутствовали поэт, публицист, доктор филологических наук Наши Джусойты и историк-кавказовед, доктор исторических наук Руслан Бзаров. Также, впервые в 2019, а затем и в 2021 году состоялось мероприятие, посвященное одному из самых почитаемых праздников у осетин — Джеоргуыба. Среди почетных гостей праздненства были: старейшина, член московской осетинской общины У.Е.Шавлохов, член Совета Федерации, шестикратный чемпион мира и двукратный олимпийский чемпион по вольной борьбе А.С.Фадзаев, депутат Государственной Думы РФ, трехкратный олимпийский чемпион А.Б.Таймазов, сотрудники Посольства РЮО и Постоянного представительства РСО-Алании, а также представители руководства университета.
Ко всему прочему, Аланское землячество принимает активное участие в общественной жизни МГИМО. Наши студенты проявляют себя как в спортивной сфере (турниры по футболу, волейболу, борьба и др), так и в культурной (Фестиваль культуры народов России, Фестиваль культуры народов мира, Global Village, День национальной кухни и многие другие).
Многие выпускники МГИМО в настоящее время работают на государственной и иной службе, чем заставляют гордиться как свою родину, так и свою alma mater. Бывший министр иностранных дел РЮО — Цховребов Казбулат Иналович; предприниматель, владелец и президент Группы компаний «Меркурий», в которую, в частности, входят крупнейший в России табачный дистрибьютор Группы компаний «Мегаполис», а также розничная сеть «Дикси» — Касаев Игорь Альбертович и в том числе российских предприниматель, совладелец группы «Меркурий» — Кациев Сергей Солтанович и многие другие.
На 2022 год в МГИМО обучается около 100 осетин из Южной и Северной Осетии.
Ирон адæм сты, Цӕгат Кавказы цӕрӕг адӕмтæй нымæцæй фылдæр чи у, уыдонæй иу. Цӕрынц кавказаг хохрагъы дыууӕ фарсы дӕр – Уӕрӕсейы хай Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Аланыстоны паддзахад. Дыккаг зындгонд у куыд Хуссар Ирыстон. Ирӕттӕ дзурынц ирон ӕвзагыл. Уый хауы ирайнаг ӕвзӕгты цӕгат-хурыскӕсӕйнаг къордмӕ. Ирæттæ сты мультиконфессион адӕмыхатт: кæд сӕ фылдӕр хӕст сты чырыстон диныл, уæддæр сӕ зынгӕ хай сты пысылмӕттӕ ӕмӕ ирон ӕгъдауыл хӕст адӕм.
Ирӕттӕ сты, н.э.р. фыццаг ӕнусӕй фæстæмæ Хурныгуылæн æмæ Астæуккаг Кавказы лӕнкаутæ ӕмӕ хохрӕбынты чи цард, уыцы аланты фæдонтæ. Паддзахадон арӕзтады алантӕн бирӕ бантыст — сӕ паддзахад уыд регионы тыхджындӕртӕй иу, уый ӕмгуыст кодта йӕ сыхӕгтимӕ ӕмӕ тæккæ стырдæр ӕхсӕнадимæ – Ромаг Империмӕ (Византия). Монголаг ныббырсты тыххæй æмæ, сӕдӕ азы Тамерлан кӕй хицауиуæг кодта сӕ зӕххытыл, уый тыххӕй Алайнаг паддзахад ныппырх. Кæцыдæр æндæр адӕмтау, ирӕтты фыдӕлтӕ дӕр афтыдысты арфдӕр хӕхтӕм, ӕрбынат кодтой Астæуккаг Кавказы кӕмтты. Сӕ цӕрӕнбынӕтты сӕйрагдӕтӕ уыдысты Дыгур ӕмӕ Уӕлладжыры кӕмттӕ. Уыдон сты ныры РЦИ-Аланийы арӕнты.
Фӕстӕдӕр ирон «ӕхсӕнæдтæ» апарахат кодтой сӕ арӕнтӕ, фӕстӕмӕ ӕрбынат кодтой, раздӕр кæм цардысты, уыцы кӕмтты æмæ районты, уыимӕ Кавказы хохрагъы цӕгатаг ӕмӕ хуссайраг фӕрстыл. Æмгуыст кодтой уæды тыхджындӕр адӕмтимæ: цӕгаты – кӕсӕджы ӕлдӕрттимӕ, хуссары – гуырдзыйы ӕлдӕрттимӕ. Хохаг адæм уæвгæйæ, ирӕттӕ дардтой фос, арӕх-иу ӕрхызтысты лӕнкаутӕм, цӕмӕй ныббырстытӕ кӕной, уыимӕ архайдтой гуырдзыйы хӕстон-ӕфсӕддон балцты, уымæн æмæ уыдонӕн нӕ фаг кодта ӕфсӕддонтӕ.
18 ӕнусы кӕронӕй фыццаг Цӕгаты, стӕй Хуссары ирӕттӕ дæр райдыдтой ӕмгуыст кӕнын Уӕрӕсейы паддзахадимӕ. Уый фӕтыхджындӕр кодта йе ‘ндӕвдад регионы. 19 ӕнусы ирӕтты хӕххон ӕхсӕнӕдты фылдæр баиу сты Уӕрӕсеимӕ.
Советон Цӕдис куы ныппырх, уӕд Ирыстон ногӕй сӕмбӕлд зындзинӕдтимӕ. Райдыдта, Ирыстоны уырнындзинæдтӕй иуы фидӕн кæцы хъуамæ сбæрæг кодтаид, ахæм хæст. Бирӕ зиндзинӕдтӕ уыди ирон адӕмы раз, фӕлӕ ӕрыгон паддзахад Хуссар Ирыстон нæ басаст, ӕмӕ Сочийы бардзырдты фӕрцы хӕст фӕци. Хуссар Ирыстон 1992 азӕй у хихъӕппӕрисадон паддзахад.
2008 азы Мӕскуыйы паддзахадон ӕхсӕнадӕмон ахастыты институты студентты хъæппæрисæй арӕзт ӕрцыд Алайнаг клуб. Йӕ арӕнты арӕзт цыдысты студентты фембӕлдтӕ ӕмӕ хӕрзаудӕн акцитӕ. 2011 азы къорд сси Æмзæххон адӕмы цӕдис, уым баиу сты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй рацӕуӕг студентӕ.
Ӕмзӕххонты цӕдисы хӕс у МПӔАИ-ы къулты хъахъхъӕнын ирон ӕгъдау ӕмӕ культурӕ, кусын йӕ райрӕзтыл, баиу кӕнын ирӕтты ӕмӕ сын алыхуызон къабӕзты ӕххуыс кӕнын.
2008 азӕй ӕмзӕххонты цӕдисы къухы бафтыд сбæрæг кæнын бирӕ бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ саразын мадзӕлттӕ кадджын уазджытимӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнӕндӕттӕй студенттимӕ. Зӕгъӕм, 2012 азы арӕзт ӕрцыд наукон-практикон конференци «Ирон ӕвзаг глобализацийы уавӕрты». Кадджын уазджыты ӕхсӕн уыдысты фыссӕг, публицист, филологон наукӕты доктор Джусойты Нафи ӕмӕ Кавказы истори иртасӕг, историон наукӕты доктор Бзарты Руслан. Уыимӕ, 2019 ӕмӕ 2021 азты арӕзт ӕрцыдысты мадзӕлттӕ ирон бӕрӕгбон Джеоргуыбайы номыл. Кадджын уазджыты ӕхсӕн уыдысты: Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады уӕнг Саулохты Умар, хъӕбысхӕстӕй дунейы ӕхсӕз хаты уӕлахиздзау ӕмӕ олимпаг хъӕзтыты дыууӕ хаты уӕлахиздзау Фадзайты Арсен, Паддзахадон Думӕйы депутат Тӕймӕзты Артур, Хуссар Ирыстоны минӕварады ӕмӕ РЦИ-Аланийы Иудадзыг минӕварады кусджытæ, уыимӕ ма институты разамынды минæвæрттæ.
Уымӕй уӕлдӕй, Алайнаг ӕмзӕххонты цӕдис активонӕй архайы МПӔАИ-ы ӕхсӕнадон царды. Нӕ студентӕ сӕхи равдисынц куыд спорты (хъӕбысхӕст, футбол, волейбол ӕмӕ ӕнд.), афтӕ культурæимæ баст мадæлты дӕр (Уӕрӕсейы адӕмты культурӕйы Фестивал, Дунейы адӕмты культурӕйы Фестивал, Global Village, Национ хӕринӕгты бон ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ).
МПӔАИ-ы фылдӕр рауагъдонтӕ ныридӕгӕн кусынц паддзахадон службӕйы. Уымӕй сӕрыстыр сты куыд сӕ фыдыбӕстӕ, афтӕ сӕ ахуыргӕнӕндон дӕр. Се ‘хсӕн Ростуризмы разамонӕг Дыгъуызты Зӕринӕ, фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты раздӕры министр Цыхуырбаты Хъасболат, компаниты къорд «Меркурий»-ы президент амалгӕнӕг Касаты Игорь. «Меркурий»-ы сконды ма сты Уӕрӕсейы тамакойы егъаудæр дестрибютор компаниты къорд «Мегаполис» ӕмӕ стыр иумӕйаг ӕлхӕнӕн хыз «Дикси». Уыимӕ ма ацы ахуыргæнæндоны рауагъдон сты къорд «Меркурий»-ы амалгӕнӕг ӕмӕ ӕмхицау Кацыты Сергей ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.
2022 азы МПӔАИ-ы ахуыр кӕны 100 ироны Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй.